6 Соломон йӕ галуанӕн скодта Цӕджындзты Агъуыст дӕр, йӕ дӕргъ — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ разӕй — тыргъ.
Галуаны бӕстыхӕйттӕн сӕ алыварс цы стыр кӕрт уыд, уый быру амад уыди афтӕ: ӕртӕ рӕнхъы — карст дуртӕ, стӕй уыдоныл иу рӕнхъ — кедр бӕласы хъӕдтӕ. Уый халдих амад уыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны мидӕггаг кӕрты быру ӕмӕ тыргъы систӕ дӕр.
Ӕппӕт дуӕрттӕн дӕр уыди цыппаркъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг, рудзгуытӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты ӕртыгай рӕнхъытӕй.