Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 7:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Ноджы ма Хурам скодта тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ ӕмӕ куыситӕ. Афтӕмӕй, Хурам паддзах Соломоны фӕдзӕхстӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ иууылдӕр фӕци.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 7:40
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн.


Суанцъыты фӕрстыл фӕлгӕтты мидӕг фидаргонд уыдысты уадздзӕгтӕ.


Моисей тугӕн йӕ иу ӕмбис ныккодта къусты, йӕ иннӕ ӕмбис та йын бапырх кодта нывондхӕссӕныл.


Суанцъытӕй фондз сӕ цӕхгӕртимӕ лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Ӕрхуы денджыз та лӕууыди рахизфарсӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур.


Джиппы рауагъта: дыууӕ цӕджындзы; дыууӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуаны цӕджындзты цъуппытӕн; каубыд хызӕгтӕ рӕхыстимӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуантӕн;


Адад-Езеры сахартӕ Тивхат ӕмӕ Куны тынг бирӕ ӕрхуы ӕрбатӕлӕт кодта Давид, ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр Соломон Кувӕндонӕн ӕрхуы денджыз, цӕджындзтӕ ӕмӕ алыхуызон ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сарӕзта.


Ноджы ма Соломон скодта дӕс ӕрхуы тъӕпӕнӕджы ӕмӕ дзы фондз ӕрӕвӕрдта Кувӕндонӕн йӕ рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Уыдоны мидӕг хъуамӕ ӕхсадтаиккой иууылсудзинӕгты уӕнгтӕ. Ӕрхуы денджыз та сауджынтӕн конд уыд, сӕхи ӕхсынӕн.


Сараз фӕныкхӕссӕн тастӕ, фыййӕгтӕ, тугӕмбырдгӕнӕн кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скӕн ӕрхуыйӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ