26 Агӕн йӕ былтӕ — нуазӕны былты хуызӕн, хъоппӕг куы райхӕлы, раст уый ӕнгӕс. Йӕ фӕрсты бӕзн — армытъӕпӕны йас. Дон дзы цыди дыууӕ мин баты.
Денджызӕн йӕ бӕзн уыди армытъӕпӕны йас, йӕ был та уыди нуазӕны былты хуызӕн, раст, хъоппӕг дидинӕг куы райхӕлы, уый ӕнгӕс. Дон дзы цыди ӕртӕ мин баты бӕрц.
оливӕйы сойы корӕй — баты дӕсӕймаг хай (хомеры ис дӕс баты),
Дыууӕ цӕджындзӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууадӕс ӕлмӕрины. Мидӕгӕй уыдысты афтид, сӕ къултӕ та — цыппар ӕнгуылдзы фӕтӕнӕн.
Ацы суанцъытӕн ма Хурам ноджыдӕр скодта дӕс ӕрхуы цӕхгӕры, алы цӕхгӕрӕн дӕр йӕ фӕтӕн уыди цыппар ӕлмӕрины, дон дзы цыди дыууиссӕдз баты.
Тыргъы цӕджындзтӕн та се ’фтуантӕ уыдысты хъоппӕг дидинӕджы ӕнгӕс, сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины.
Уыцы дуӕрттыл дӕр Соломон скъахта херувимты, пальмӕты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ ӕмӕ сӕ нывӕфтыдты уӕле биноныг састӕрдта сыгъзӕринӕй.
Соломон дуарӕн йӕ дыууӕ хайыл дӕр скъахта херувимты, пальмӕты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ, ӕмӕ херувимтӕ ӕмӕ пальмӕты састӕрдта сыгъзӕринӕй.
Кувӕндон мидӕджырдыгӕй иууылдӕр ӕмбӕрзт ӕрцыди кедрӕй, уый уӕлӕ та — алы дидинджытӕ ӕмӕ насӕнгӕс нывӕфтыдтӕ. Алцыдӕр уыди кедры хъӕдӕрмӕгӕй конд, дуртӕ никуыцӕй зындысты.
Фынджы кӕрӕтты скӕн армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Аг лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ — скӕсӕнӕрдӕм. Галтӕн сӕ чъылдымтӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ, аджы бынмӕ, здӕхт.
Хурам ма ӕрхуыйӕ скодта цӕлхытыл цӕугӕ дӕс суанцъыйы, цыппӕрдигъӕттӕ. Сӕ ас дӕргъмӕ ӕмӕ уӕрхмӕ — цыппар ӕлмӕрины, сӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ.
Барӕн ефӕ ӕмӕ барӕн бат ӕмхуызон хъуамӕ уой, сӕ алкӕй дӕр хъуамӕ цӕуа хомеры дӕсӕймаг хай. Хъуамӕ барст цӕуой хомермӕ гӕсгӕ.