3 Паддзахӕдтӕ 7:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст23 Хурам джиппы рауагъта егъау ӕрхуы аг дӕр — ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Паддзах Ахаз сауджын Уриайӕн бафӕдзӕхста: «Нырӕй фӕстӕмӕ стыр нывондхӕссӕныл судз райсомы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ изӕры хойраджы хуынтӕ. Мӕн ӕмӕ дзыллӕйы номӕй дӕр судз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, нывондхӕссӕныл-иу ӕркал сӕн, бапырх-иу ыл кӕн кусӕртты тугӕй. Ӕрхуы нывондхӕссӕн цы бауыдзӕн, уый та фӕстӕдӕр сбӕлвырд кӕндзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ ма ацы сахары цӕджындзтӕ, ӕрхуы денджыз ӕмӕ бынӕнцайӕнтӕй уӕлдай цыдӕриддӕр баззади дзаумайӕ — Вавилоны паддзах Навуходоносор иудейаг паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт уӕздӕтты Вавилонмӕ уацары куы акодта, уӕд йемӕ кӕй нӕ аласта, — Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы ма цы дзаума баззади, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: