20 Уыдон хызӕгджын ӕфтуанты бынтӕй уӕлдӕр уыдысты. Сӕ алкӕй алыварс дӕр ӕрзылдысты гранат фӕткъуыйы дыууӕсӕдӕ нывӕфтыды рӕнхъытӕ.
Тыргъы цӕджындзтӕн та се ’фтуантӕ уыдысты хъоппӕг дидинӕджы ӕнгӕс, сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины.
цыппарсӕдӕ гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуанты хызӕгтыл, алы ӕфтуаныл дӕр — дыууӕ рӕнхъы;
Цӕджындзтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕрхуыйӕ конд ӕфтуантӕ, сӕ бӕрзӕнд — ӕртыгай ӕлмӕринтӕ, ноджы ма — фӕйнӕ рӕхысы ӕмӕ гранат фӕткъуыты згъӕрнывтӕ зылдӕй ӕфтуантыл конд. Иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.
Ноджы сарӕзта, Кувӕндоны агъуысты цы рӕхыстӕ уыди, уыдоны халдихтӕ ӕмӕ сӕ ӕфтуантыл бафидар кодта. Скодта ма гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ ӕмӕ сӕ ныффидар кодта рӕхыстыл.
цыппарсӕдӕ гранат фӕткъуыйы згъӕрнывтӕ кӕхцӕнгӕс ӕфтуанты рӕхыстыл, алы ӕфтуаныл дӕр — дыргъты дыууӕ рӕнхъы;
Дыууӕ цӕджындзӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дыууадӕс ӕлмӕрины. Мидӕгӕй уыдысты афтид, сӕ къултӕ та — цыппар ӕнгуылдзы фӕтӕнӕн.