Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 7:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Соломон сарӕзта ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуан. Йӕ дӕргъ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ цары хъайвантӕ, кедры хъӕдӕй, ӕнцадысты кедры хъӕдӕй конд цӕджындзты цыппар рӕнхъыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 7:2
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ноджы ма скодта ӕртӕсӕдӕ чысыл уарты, уыдон дӕр дзӕбугӕй цагъд сыгъзӕринӕй астӕрд, сӕ сыгъзӕрины уӕз уыди фӕйнӕ ӕртӕ минӕйы. Паддзах уыцы уартытӕ иууылдӕр бафснайдта Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны.


Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди.


Галуанӕн йӕ уӕлхӕдзары аххӕрджытӕ (уыдон дӕр кедрӕй конд) ӕвӕрд уыдысты фондз ӕмӕ дыууиссӕдз цӕджындзы ӕртӕ рӕнхъыл. Алы рӕнхъы дӕр уыди фынддӕс цӕджындзы.


Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ, ноджыдӕр ма цы бӕстыхӕйттӕ саразинаг уыд, уыдон конд куы фесты,


Уымӕй уӕлдай ма Соломон сарӕзта ӕфтауцуат сахартӕ: иуты дзы дардта хӕлц, иннӕты — тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхджын ӕфсӕдтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ.


Ноджы ма — ӕртӕсӕдӕ гыццыл уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы. Паддзах уыцы уартытӕ бафснайдта Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты.


Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны, сычъийы фаззӕттӕ.


Иудей ӕнӕхай фӕци йӕ фидӕрттӕй. Уыцы бон ма сымах уӕ ныфс дардтат, Ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны уын цы хотыхтӕ ӕфснайд уыди, уыдоныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ