Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 7:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕфтуанты зиллаччытыл уыди каубыд хызӕгтӕ ӕмӕ рӕхысгӕндты нывӕфтыдтӕ, сӕ иуыл дӕр — авд, иннӕуыл дӕр — авд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 7:17
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕджындзтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕрхуыйӕ конд ӕфтуантӕ, сӕ бӕрзӕнд — ӕртыгай ӕлмӕринтӕ, ноджы ма — фӕйнӕ рӕхысы ӕмӕ гранат фӕткъуыты згъӕрнывтӕ зылдӕй ӕфтуантыл конд. Иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.


Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз здыхтбыд рӕхысбостӕ.


сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз бӕндӕнау здыхт дыууӕ рӕхысы ӕмӕ сӕ фӕлгӕттӕм бафидар кӕн.


Цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл ӕрӕвӕрыны тыххӕй ӕрхуыйӕ джиппы рауагъта ӕфтуантӕ, иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины.


Алы ӕфтуанӕн дӕр йӕ хызӕгтыл дыууӕ рӕнхъӕй фидаргонд уыдысты гранаты дыргъты нывӕфтыдтӕ.


Джиппы рауагъта: дыууӕ цӕджындзы; дыууӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуаны цӕджындзты цъуппытӕн; каубыд хызӕгтӕ рӕхыстимӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуантӕн;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ