Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл ӕрӕвӕрыны тыххӕй ӕрхуыйӕ джиппы рауагъта ӕфтуантӕ, иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 7:16
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хирам джиппы рауагъта дыууӕ ӕрхуы цӕджындзы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ ӕстдӕс ӕлмӕрины, сӕ зиллаччы дӕргъ — фӕйнӕ дыууадӕс ӕлмӕрины.


Ӕфтуанты зиллаччытыл уыди каубыд хызӕгтӕ ӕмӕ рӕхысгӕндты нывӕфтыдтӕ, сӕ иуыл дӕр — авд, иннӕуыл дӕр — авд.


Скодтой йын фондз цӕджындзы къӕпсыртимӕ, цъуппытӕ ӕмӕ тӕлытӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, цӕджындзтӕн скодтой фондз ӕрхуы бынӕнцайӕны.


йӕ цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ та — ӕрхуыйӕ конд. Цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ, цӕджындзты цъуппытӕ — ӕвзистӕй астӕрд, цӕджындзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр — ӕвзист тӕлытӕ.


Кулдуарӕн уыди цыппар цӕджындзы, ӕрхуы бынӕнцайӕнтӕ сын. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ, сӕ цъуппытӕ уыдысты ӕвзистӕй астӕрд, кӕрӕдзимӕ та баст цыдысты ӕвзист уистӕй.


Ӕвзисты мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз шекелӕй та цӕджындзтӕн скодтой къӕпсыртӕ ӕмӕ уистӕ, стӕй састӕрдтой цӕджындзты цъуппытӕ.


Цӕджындзты сӕртыл уыди ӕрхуы кады худтӕ, алкӕцыйӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. Кады худты алыварс — ӕрхуы хызӕг ӕмӕ гранаты дыргътӕ, уыдон дӕр — ӕрхуыйӕ конд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ