Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Галуаны бӕстыхӕйттӕн сӕ алыварс цы стыр кӕрт уыд, уый быру амад уыди афтӕ: ӕртӕ рӕнхъы — карст дуртӕ, стӕй уыдоныл иу рӕнхъ — кедр бӕласы хъӕдтӕ. Уый халдих амад уыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны мидӕггаг кӕрты быру ӕмӕ тыргъы систӕ дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 7:12
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кувӕндонӕн йӕ тыргъы дӕргъ уыди сӕйраг агъуыстӕн йӕ уӕрхы йас — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕлмӕрины.


Мидӕггаг кӕрты, ома сауджынты кӕрты, астӕрд скодта карст дуртӕ ӕртӕ фӕлтӕры ӕвӕрдӕй. Сӕрӕй ма сыл иу фӕлтӕр бафтыдта кедрӕй конд амадхъӕдтӕ.


Бындурыл цы систӕ амад уыди, уыдонӕн дӕр сӕ дуртӕ уыдысты бӕрӕг асыл карст, систыл сӕрӕй — кедрӕй конд аххӕрджытӕ.


Соломон йӕ галуанӕн скодта Цӕджындзты Агъуыст дӕр, йӕ дӕргъ — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ разӕй — тыргъ.


Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг нывондхӕссӕнтӕ скодта арвы стъалытӕн дӕр.


Ноджы ма скодта сауджынты кӕрт, стӕй стыр кӕрт ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕртмӕ цӕуынӕн. Кулдуӕртты цӕджындзтӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ.


Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъы.


Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны уӕгъд куынӕуал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.


Апостолты фӕрцы адӕмӕн ӕвдыст цыди бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Ӕппӕт уырнджытӕ-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Соломоны тыргъы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ