10 Йӕ бындуры — егъау ӕмӕ зынаргъ дуртӕ, иутӕн дзы сӕ дӕргъ уыди дӕс ӕлмӕрины, иннӕтӕн та — аст ӕлмӕрины.
Бындурыл цы систӕ амад уыди, уыдонӕн дӕр сӕ дуртӕ уыдысты бӕрӕг асыл карст, систыл сӕрӕй — кедрӕй конд аххӕрджытӕ.
Галуаны бӕстыхӕйтты систӕ иууылдӕр, бындурӕй уӕллаг тигъы онг, амад уыдысты зынаргъ ӕмӕ бӕрӕг ас дуртӕй. Сӕ мидӕггаг ӕмӕ се ’ддаг фӕрстӕ лыггонд уыдысты дурфадӕн хырхытӕй.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.
Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.