1 Йӕхи галуан та Соломон арӕзта ӕртындӕс азы — ӕппӕт куыстытӕ фӕуынӕн уый бӕрц рӕстӕг бахъуыди.
Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты.
арӕзт та йӕ фӕци иуӕндӕсӕм азы ӕстӕм мӕйы, булы мӕйы. Кувӕндон арӕзт фӕци йе ’ппӕт агъуыстытимӕ, куыд хъуыди, афтӕ. Соломон ӕй фӕцарӕзта ӕнӕхъӕн авд азы.
Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ, ноджыдӕр ма цы бӕстыхӕйттӕ саразинаг уыд, уыдон конд куы фесты,
Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы.
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.