Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 6:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Кувӕндоны къултӕ амад куы фесты, уӕд ын Соломон йӕ уӕлхӕдзар скӕнын кодта кедр хъайвантӕ ӕмӕ фӕйнӕгӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 6:9
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕфтуанагъуысты уӕлхӕдзар дӕр конд ӕрцыди кедры хъӕдӕрмӕгӕй. Кувӕндоны къултимӕ йӕ бастой кедры хъӕдӕй конд аххӕрджытӕ. Ӕфтуанагъуысты уӕладзгуытӕн сӕ бӕрзӕнд дӕр уыди фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины.


Соломон дарддӕр дӕр архайдта Кувӕндон аразыныл. Йӕ къултӕ ӕмӕ йӕ сӕр куы сцӕттӕ сты,


арӕзт та йӕ фӕци иуӕндӕсӕм азы ӕстӕм мӕйы, булы мӕйы. Кувӕндон арӕзт фӕци йе ’ппӕт агъуыстытимӕ, куыд хъуыди, афтӕ. Соломон ӕй фӕцарӕзта ӕнӕхъӕн авд азы.


Ӕфтуанагъуыстӕн йӕ бинаг уӕладзыгмӕ Кувӕндоны хуссарварсӕрдыгӕй уыди дуар. Бинаг уӕладзыгӕй дыккагмӕ, дыккагӕй та ӕртыккагмӕ цыди здыхсгӕ асин.


Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ алы дзауматӕ снывонд кодта, уыдон ӕмӕ сӕ бафснайдта Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнадӕтты.


Соломон Дунедарӕгӕн цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл афӕдз ӕртӕ хатты хаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, ноджы ма йыл сыгъта буд. Афтӕмӕй Кувӕндон арӕзт фӕци.


Моисей Цатыры алыварс скодта кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн. Ууыл Моисей фӕци Фембӕлды Цатыр аразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ