Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 6:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Кувӕндон ӕмӕ Рухсмонуаты алыварс быруйӕн йе ’мкъул скодта ӕфтуанагъуыст фӕрссаг хатӕнтимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 6:5
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕстаг къулӕй размӕ ссӕдз ӕлмӕрины ранымадта ӕмӕ уыцы ран кедры хъӕдӕй цӕхгӕрмӕ суагъта ног къул, цӕмӕй йын йӕ фӕстӕ сараза Рухсмонуат.


Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн, Дунедарӕгӕн бакувут Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!


Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын, Рухсмонуаты раз ӕрлӕугӕйӕ, сӕ кӕрӕттӕ фенӕн уыди, фӕлӕ хӕдзары ӕдде нӕ зындысты. Абоны онг дӕр сӕ бынат уыцы ран ис. Фидыды Чырынӕн йӕ мидӕг дыууӕ къӕйдурӕй уӕлдай ницы уыди. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд сӕ Моисей Хоревы хохыл Чырыны нывӕрдта.


Уый фӕстӕ сауджынтӕ Фидыды Чырын бахастой, цы бынат ын снысан кодтой, уырдӕм — Кувӕндоны Рухсмонуатмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.


Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны скодта дывӕлдах дуар оливӕ бӕласы хъӕдӕй, Уыдис ын фондзкъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг.


Цӕгатварс кулдуары ӕмӕ хуссарварс кулдуары цур уыди фӕйнӕ агъуысты. Фыццаг агъуыстӕн йе ’ргом уыд хуссарӕрдӕм, дыккагӕн та — цӕгатӕрдӕм.


Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.


— Йерусалимы чызджытӕ! О, сау дӕн ӕз, фӕлӕ рӕсугъд — кедаронты халагъудтау, Соломоны цатыртау.


Уыцы бон, хоры сӕртӕ ӕмӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ кӕдӕм хӕсгӕ уыдысты, уыцы къӕбицты цур сӕрмагонд лӕгтӕ лӕууыд, цӕмӕй, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн цы хӕйттӕ ’мбӕлы, уыдон сахары алыварс цӕрӕг зӕхкусджытӕй ӕмбырд кӕной. Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ цин кодтой сауджынты ӕмӕ левитты уазлӕггадыл.


Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым.


Уӕд Езекиа бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕбицтӕ ӕрцӕттӕ кӕной, ӕмӕ йын сӕххӕст кодтой йӕ бардзырд.


Давид йӕ фырт Соломонӕн радта хахнывтӕ саразинаг Кувӕндонӕн, тыргътӕн, агъуыстытӕн, хӕзнадӕттӕн, уӕллаг ӕмӕ мидӕггаг уӕттӕн ӕмӕ, тӕригъӕдтӕ барст кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕн;


Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.


Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.


Моисей-иу куы бацыди Фембӕлды цатырмӕ, Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ, уӕд-иу Фидыды Чырыны сӕрмӕ дыууӕ херувимы астӕуӕй хъуыста хъӕлӕс. Ахӕм хуызы дзырдта Дунедарӕг йемӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де ’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг.


Ӕз-иу дӕм раргом уыдзынӕн Фидыды Чырыны сӕрмӕ, дыууӕ херувимы астӕу, ӕмӕ дӕу уылты израилӕгтӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ хъусын кӕндзынӕн.


Цӕмӕй ӕфтуанагъуыст Кувӕндоны къултыл ма ӕндзӕва, уый тыххӕй быру ӕддӕрдыгӕй кӕрӕй-кӕронмӕ конд ӕрцыди къӕпхӕнты хуызы; агъуыстӕн йӕ бинаг уӕладзыджы уӕрх уыди фондз ӕлмӕрины, дыккаг уӕладзыджы уӕрх — ӕхсӕз ӕлмӕрины, ӕртыккаджы уӕрх та — авд ӕлмӕрины.


«Ацу рехавонтӕм ӕмӕ сӕ ӕрбахон Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ агъуыстытӕй иумӕ, сӕ разы-иу сын сӕн ӕрӕвӕр».


Рӕбинаг агъуыстӕн сбарста йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх, ӕмӕ дыууӕрдӕм дӕр уыди фӕйнӕ ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндонӕн йӕ уӕрхы хуызӕн. Загъта мын: «Уый у Рухсмонуат».


Уыцы лӕг мӕ бакодта ӕддаг кӕртмӕ, йӕ алыварс — ӕртын агъуысты. Кӕрт уыди дурӕй астӕрд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ