8 Соломонӕн фехъусын кӕнын кодта: «Дӕ курдиат дын фехъуыстон ӕмӕ дын дӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзынӕн. Ракалын дын кӕндзынӕн кедртӕ ӕмӕ кипаристӕ.
Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Дунедарӕджы раз фыр цинӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты, хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, къӕрцгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй цагътой.
Хирам тынг бацин кодта, Соломоны курдиат ын куы рафӕзмыдтой, уӕд ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Давидӕн ахӕм куырыхон фырт Чи радта, уыцы бирӕ адӕмӕн ӕй паддзах Чи скодта!»
Мӕ кусджытӕ сӕ Ливанӕй денджызы былмӕ нылласдзысты, стӕй сӕ ӕз денджызыл тъиуибӕстытӕй бахӕццӕ кӕндзынӕн, кӕдӕм зӕгъай, уырдӕм, уым сӕ самайын кӕндзынӕн, ӕмӕ-иу сӕ ды уырдыгӕй алас. Ӕцӕг мын ды дӕр мӕ хъуыддаг араз, мӕ хӕдзарӕн мын ӕрвит хӕлц».
уӕд паддзах бавнӕлдта мидагъуысты куыстытӕм. Йӕ къултыл ын астӕрдӕй цары онг бахуыдта кедр фӕйнӕг, йӕ астӕрдыл та кипарис фӕйнӕг.
Кипарис хъӕдӕй йын скодта дыууӕ дывӕлдах дуары, алы дуарӕн йӕ дыууӕ ӕрдӕджы дӕр кодтой гом.
Мах дын Ливаны бӕлӕстӕй хъӕдӕрмӕгӕн акалдзыстӕм, цас дӕ бахъӕуа, уыйас ӕмӕ дын сӕ тъиуибӕстытӕй денджызыл Яффомӕ бахӕццӕ кӕндзыстӕм. Ды та-иу сӕ уырдыгӕй Йерусалиммӕ алас».
Кувӕндоны сӕйраг агъуысты къултӕ мидӕгӕй састӕрдта кипарисы фӕйнӕджытӕй, уыдон та — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ сӕ сфӕлыста пальмӕтӕ ӕмӕ рӕхысты нывӕфтыдтӕй.