Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 5:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Хирам тынг бацин кодта, Соломоны курдиат ын куы рафӕзмыдтой, уӕд ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Давидӕн ахӕм куырыхон фырт Чи радта, уыцы бирӕ адӕмӕн ӕй паддзах Чи скодта!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 5:7
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».


ӕмӕ загъта: „Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йӕ хорзӕхӕй мӕ паддзахы бадӕны ног паддзах сбадти, ӕмӕ ӕз уый мӕхи цӕстӕй уынын“».


Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕхцон Кӕмӕн уыдтӕ ӕмӕ дӕ Израилы паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта! Дунедарӕг Израилы адӕмы мыггагмӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дӕ скодта сӕ паддзах, цӕмӕй сын хӕссай рӕстаг тӕрхон».


Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын.


Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, ливайнаг кедртӕ мын ракалын кӕн. Мӕ кусджытӕ кусдзысты дӕ кусджытимӕ, ӕмӕ дын ӕз сӕ куысты тыххӕй фиддзынӕн, цас мын зӕгъай, уый бӕрц мызд. Ды зоныс: махмӕ, сидойнӕгтау бӕлӕстӕ калынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕм нӕй».


Соломонӕн фехъусын кӕнын кодта: «Дӕ курдиат дын фехъуыстон ӕмӕ дын дӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзынӕн. Ракалын дын кӕндзынӕн кедртӕ ӕмӕ кипаристӕ.


Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны, сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ.


Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Куырыхон лӕппу йӕ фыды зондамындмӕ хъусы, ӕдзӕсгом уайдзӕфтӕм йӕ хъус нӕ дары.


Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.


Рӕстуды фыд фыр цинӕй райы, куырыхоны ныййарӕг йӕ цинӕн кӕрон нӕ ары.


Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ