4 Ныр мӕнӕн та Дунедарӕг радта ӕнцой, фыдгул мын нал ис ӕмӕ сӕдас дӕн алырдыгӕй дӕр.
«Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕумӕ гӕсгӕ, Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды уыдзынӕ?
Афтӕмӕй Резон сси Сирийы паддзах ӕмӕ, цалынмӕ Соломон царди, уӕдмӕ уый дӕр Хададау ӕдзух архайдта Израилы ныхмӕ, кастис ӕм фыдгулы цӕстӕй.
Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.
Кӕрдгӕ та сӕ кодтой Соломоны ӕмӕ Хирамы кусджытӕ, стӕй — гевалӕгтӕ. Ноджы ма цӕттӕ кодтой хъӕдӕрмӕг ӕмӕ ӕндӕр дуртӕ дӕр Кувӕндон аразынӕн.
Филистимӕгты дӕр ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Газӕйы онг. Гӕныстон сын фестын кодта сӕ бӕстӕ, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй райдай ӕмӕ фидар сахарты онг.
Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.
Йерусалимы уыдис, доны фале ӕгасӕй дӕр кӕй къухы уыди, хъалонтӕ, фиддонтӕ ӕмӕ илци фыст кӕмӕн цыдис, ахӕм домбай паддзӕхтӕ.
Фырнӕрдӕй сӕ цӕстытӕ аныгъуылдысты фиуы, сӕ зӕрдӕтӕ — чъизи монцтӕй йедзаг.
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.
Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.
Ашдод йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; Газӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ суанг Мысыры арӕныл тӕрфы онг ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы онг йӕ былгӕронимӕ.