Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «Ды зоныс, Мӕ фыд Давидӕн Дунедарӕджы Кувӕндон саразын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ ӕдзух йӕ сыхаг адӕмтимӕ хӕцыди, йӕ фыдгултимӕ, цалынмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз нӕ радта, се ’ппӕты дӕр ын йӕ къӕхты бын нӕ ныккодта, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 5:3
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ ды нӕ уыдзынӕ йӕ аразӕг. Мӕ номыл Мын Кувӕндон сараздзӕни дӕ фырт, дӕ туг ӕмӕ де стӕг».


Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: „Ды бирӕ туг ныккалдтай, стыр хӕстыты хӕцыдтӕ. Мӕ номыл хӕдзар аразӕг Ды нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ федтон, зӕххыл цас туг ныккалдтай, уый.


Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.


Фӕлӕ мын Хуыцау загъта: „Мӕ номыл хӕдзар аразӕг Ды нӕ уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ды хӕстон лӕг дӕ ӕмӕ туг ныккалдтай.“


йӕ дзаджджын фынгтӕ; йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц; йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ дзагдарты сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссы, уый дӕр, ӕмӕ йын фыр дисӕй улӕфт дӕр нал фаг кодта.


Сыхаг адӕмтӕй нӕм чи цыдис, уыдоны йеддӕмӕ ма-иу мӕ фынджы уӕлхъус иудейӕгтӕ ӕмӕ хицӕуттӕй бадти сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.


Мӕ боны фӕлхас-иу слӕууыди: иу гал, ӕхсӕз хӕрзхаст фысы, маргъ дӕр-иу дзӕвгар ныццагътам; дӕс боны дӕргъы бирӕ алыхуызон сӕнтӕ хардзгонд цыди. Фӕлӕ уӕддӕр облӕсты хицауӕн ӕмбӕлгӕ хойраг ӕз никуы бадомдтон, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕнӕуи дӕр уӕззау куыст кодтой.


Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн.


Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ йын цыт радтай.


Ӕнӕхуыцӕутты бассӕнддзыстут, ӕмӕ уӕ къӕхты бын рыг фестдзысты, Ӕз кӕй снысан кодтон, уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ паддзахиуӕг кӕна, цалынмӕ Йын Хуыцау ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕра, уӕдмӕ.


Хуыцау ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта Чырыстийы къӕхты бын ӕмӕ Йӕ сӕвӕрдта тӕккӕ бӕрзонддӕр бынаты — Аргъуаны сӕргъы.


саг, сугъахъ, сӕгуыт, сычъи, хъӕддаг сӕгъ, антилопӕ ӕмӕ дзӕбидыр.


Йешуа ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр фӕсидт ӕмӕ йе ’фсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут-ма хӕстӕгдӕр ӕмӕ мӕнӕ ацы паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕуут». Уыдон бацыдысты ӕмӕ паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕууыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ