2 Соломон сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хирамӕн зӕгъой:
«Ды зоныс, Мӕ фыд Давидӕн Дунедарӕджы Кувӕндон саразын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ ӕдзух йӕ сыхаг адӕмтимӕ хӕцыди, йӕ фыдгултимӕ, цалынмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз нӕ радта, се ’ппӕты дӕр ын йӕ къӕхты бын нӕ ныккодта, уӕдмӕ.
Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.
йӕ дзаджджын фынгтӕ; йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц; йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ дзагдарты сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссы, уый дӕр, ӕмӕ йын фыр дисӕй улӕфт дӕр нал фаг кодта.