12 Дунедарӕг Соломонӕн радта куырыхон зонд, зӕрдӕ йын куыд бавӕрдта, афтӕ. Соломон ӕмӕ Хирамы ’хсӕн уыди фидыд, сӕ кӕрӕдзиимӕ цардысты хӕларӕй.
Беер-Шевӕйы Авраамимӕ куы бафидыдтой, уӕд Авимелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихол фӕстӕмӕ аздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ.
«Демӕ мӕ фӕнды цӕдис скӕнын, мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыдис, афтӕ. Цӕдисы нысанӕн дын ӕрвитын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ курын: Израилы паддзах Баасаимӕ дӕ цӕдис фехал ӕмӕ бацархай, цӕмӕй мӕ арӕнтӕй айса йӕхи».
уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны ’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн.
Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц.
Паддзах Соломон бегарайы хӕс ӕрӕвӕрдта Израилы адӕмыл ӕмӕ уый тыххӕй рахицӕн кӕнын кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы.
уый тыххӕй дын куырыхон зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ лӕвӕрд уыдзысты. Мулк, хӕзнатӕ ӕмӕ кад та дын ахӕмтӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ размӕ дӕр, стӕй дӕ фӕстӕ дӕр иу паддзахмӕ дӕр уый бӕрц никуы уыди».
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Тӕхудиаг сты, Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, Йӕ фӕндӕгтыл Ын чи цӕуы, уыдон!
Соломоны, Израилы паддзах Давиды фырты, ӕмбисӕндтӕ:
Хуыцауы ныхас амонӕг куырыхон лӕг уыди, адӕмӕн-иу зонд амыдта; алцыдӕр бафӕлвӕрдта ӕмӕ басгӕрста, бирӕ ӕмбисӕндтӕ ныффыста.
Соломоны зарджытӕн сӕ хуыздӕр. — О, бафсад мӕ дӕ батӕй! Дӕ рӕвдыд — адджындӕр сӕнӕй!
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.