11 Соломон дӕр ӕрвылаз Хирамы хӕдзарӕн ӕрвыста ссӕдз мин коры мӕнӕу ӕмӕ ссӕдз коры сыгъдӕг оливӕйы сой.
Соломоны ӕрвылбоны хӕлц уыди: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз коры, ӕнӕуи ссадӕй та — ӕхсӕз коры; хӕрзхаст дӕс галы, стӕй, хизӕнуаты чи вӕййы, ахӕм ссӕдз галы; сӕдӕ фысы, уыдонимӕ ма ноджы — сагтӕ, сӕгуыттӕ, хъуазтӕ ӕмӕ нард хӕдзарон мӕргътӕ дӕр.
Ӕмӕ Хирам Соломонӕн радта кедртӕ ӕмӕ кипаристӕ, Соломоны куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ.
Зарахӕн уыди фондз фырты: Зимри, Етан, Хеман, Калкол, Дара.
Мерарийы байзӕддӕгтӕ: йӕ фырт Махли, уый фырт Ливни, уый фырт Шими, уый фырт Узза,
Дӕ хъӕддзаутӕн дын ӕз ратдзынӕн ссӕдз мин коры мӕнӕу, иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор, стӕй ссӕдз мин баты сӕн ӕмӕ иу уый бӕрц та — оливӕйы сой».
Дунейы паддзӕхты ’хсӕн Соломоны куырыхон зонд ӕмӕ хъӕздыгдзинадӕн ӕмбал нӕ уыди.
Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.
Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы куывд.
Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты; балхӕдтой паддзахы галуаны уынаффӕгӕнӕг Бласты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг истой паддзахы бӕстӕйӕ.