9 Бен-Декер — Макац, Шаалвим, Бет-Шемеш, Елон ӕмӕ Бет-Хананы сахарты зылды хицау;
Баалайӕ фӕзылди ныгуылӕнӕрдӕм, Сеиры хӕхбӕстӕм, ӕрзылд Иаримы (ома Кесалоны) хохы цӕгатгӕрӕтты, ӕрхызти Бет-Шемешмӕ ӕмӕ ахызти Тимнайыл.
Шаалвим, Айалон, Итла,
Елон, Тимна, Екрон,
Аин йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ютта йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Бет-Шемеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: фараст сахары ацы дыууӕ хӕдзарвӕндагӕй.
Аморӕгтӕ Хар-Херес, Айалон ӕмӕ Шаалвимы цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ Йосефы байзӕддӕгтӕ, куы стыхджын сты, уӕд аморӕгтӕй хъалон исын райдыдтой.
Стуртӕ сӕ ных комкоммӕ Бет-Шемешмӕ сарӕзтой. Уасгӕ цыдысты уыцы иу фӕндагыл, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхтысты, нӕдӕр рахизӕрдӕм. Филистимы ӕлдӕрттӕ сӕ фӕдыл цыдысты суанг Бет-Шемешы арӕны онг.
Бет-Шемешы цӕрджытӕ загътой: «Ацы стыр Хуыцауы раз, Дунедарӕджы раз, кӕй бон у ӕрлӕууын? Йӕ Фидыды Чырын хъуамӕ ацӕуа махӕй, фӕлӕ кӕдӕм?»
Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд».