8 Мӕнӕ уллуты ӕмӕ сӕ чи цы зылды хицау уыди, уыдоны нӕмттӕ: Бен-Хур — уый уыди Ефремы хӕхбӕсты хицау;
Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын.
Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын радтой, Йешуа йӕхицӕн кӕй куырдта, уыцы сахар Тимнат-Серах, Ефремы хӕхбӕсты. Йешуа сахар рацарӕзта ӕмӕ дзы царди.
Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым.
Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха.
Израилы паддзах куынӕ уыд, уыцы заман Ефремы хӕхты фахсыл цардис иу лӕг — левит. Уый иудейаг Вифлеемӕй йӕхицӕн номылус ӕрбакодта.