6 Ахишар — паддзахы галуаны уагдар; Авдайы фырт Адонирам — бегарайы хицау.
Адорам — цагъайрӕгты хицау, Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг,
Паддзах Роховам йӕ хъалонисӕг ӕмӕ бегарайы кусджыты хицау Адорамы хъалон исынмӕ куы арвыста, уӕд ыл Израилы адӕм дуртӕй ралӕууыдысты ӕмӕ йӕ амардтой. Паддзах Роховам йӕхӕдӕг та уайсахат хӕцӕн уӕрдоны баппӕрста йӕхи ӕмӕ алыгъди Йерусалиммӕ.
Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;
Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын.
Ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ саразыны тыххӕй Соломон сфидар кодта бегарайы хӕс, цӕмӕй сараза Дунедарӕджы Кувӕндон, йӕ галуан, ногӕй рацараза Миллойы зылд, Йерусалимы сахары дурамад быру, стӕй сахартӕ Хацор, Мегиддо ӕмӕ Гезер.
Паддзах Роховам йӕ хъалонисӕг ӕмӕ бегарайы кусджыты хицау Адорамы хъалон исынмӕ куы арвыста, уӕд ыл израилӕгтӕ дуртӕй ралӕууыдысты, ӕмӕ амарди. Паддзах Роховам йӕхӕдӕг та уайтӕккӕ уӕрдонмӕ багӕпп ласта ӕмӕ Йерусалиммӕ алыгъди.