5 Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;
ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.
Ӕмӕ Давиды лымӕн Хушай сахармӕ ӕрбаздӕхт. Уыцы рӕстӕг Авессалом дӕр Йерусалимы кулдуарӕй бахызт.
Аркаг Хушай, Давиды лымӕн, Авессаломмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕгас цӕуӕд паддзах! Ӕгас цӕуӕд паддзах!»
иаираг Ира дӕр уыди Давиды сауджын.
Мӕнӕ, Йерусалимы йын чи райгуырд, уыдоны нӕмттӕ: Шаммуа, Шовав, Натан, Соломон,
Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».
Йеходайы фырт Бенайа разамынд лӕвӕрдта керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕн, Давиды фырттӕ уыдысты сауджынтӕ.
Ахишар — паддзахы галуаны уагдар; Авдайы фырт Адонирам — бегарайы хицау.
Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын.
Ахитофел — паддзахы уынаффӕйы лӕг; аркаг Хушай — паддзахы лымӕн.
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрын чи уарзы ӕмӕ йӕ дзыхы ныхас ӕхсызгон кӕмӕн у, уымӕн паддзах йе ’мбал уыдзӕн.
Йесойӕн Йӕ уарзон ахуыргӕнинаг бадти Йӕ фарсмӕ,
Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар.