3 Паддзахӕдтӕ 4:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст34 Соломоны зонды ныхӕстӕм байхъусынмӕ дунейы алы къуымтӕй цыдысты алы адӕмты минӕвӕрттӕ, йӕ куырыхон зонды кой-иу кӕмӕ байхъуыст, уыцы паддзӕхтӕ дӕр ӕм ӕрвыстой сӕ минӕвӕртты. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Соломон ахӕм номдзыд сси, ӕмӕ йӕ кой суанг Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст. Уый йӕм, уыци-уыцитӕй йӕ бафӕлварынмӕ, йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ ӕрбацыди Йерусалиммӕ. Теуатыл ын ӕрбаласта бирӕ лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд йемӕ, цӕуыл ӕй фӕндыд, уыдӕттыл фӕныхас кодта.