Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 4:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Скӕсӕны бӕстӕтӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт куырыхонтӕй куырыхондӕр сси.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 4:30
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.


Йаков араст ис дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕстӕм бахӕццӕ ис.


Дунейы паддзӕхты ’хсӕн Соломоны куырыхон зонд ӕмӕ йӕ хъӕздыгӕн ӕмбал нӕ уыд.


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Мӕхимӕ гӕсгӕ, Йерусалимы мӕ хуызӕн зондджын ӕмӕ стыр куырыхон лӕг никуыма райгуырд, ӕмӕ йӕ зондӕй мӕныйас ничи ницы бафӕлвӕрдта.


уый тыххӕй уын Ӕз уӕ зӕхх Скӕсӕны цӕрджытӕн исбонӕн ратдзынӕн, ӕмӕ дзы уыдон асадӕнтӕ скӕндзысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ сӕвӕрдзысты. Уӕ дыргътӕ уын хӕрдзысты ӕмӕ уын уе ’хсыр нуаздзысты.


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй рацыдысты, уый куы бамбӕрста Ирод, уӕд тынг смӕсты ис. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй, Вифлеем ӕмӕ йӕ алфамбылай дыууӕ азы онг кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр амарой: Сывӕллон цы кары ис, уый сбӕлвырд кодта, стъалыдӕснытӕй цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ.


Моисейы сахуыр чындӕуыд, мысыраг куырыхонтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттыл, уый уыдис тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.


Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕугӕдоны сӕрты бахызтысты ӕмӕ Изреелы дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ