20 Иудей ӕмӕ Израилы адӕм, денджызы змисау ӕнӕнымӕц, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой.
Дӕ лӕггадгӕнӕджы ӕвджид бакодтай Де ’взӕрст адӕмы; банымайӕн дӕр сын нӕй, ӕнӕнымӕц сты.
уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!
Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.
Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ кӕрӕдзийы сӕнӕфсир ӕмӕ легъуи бӕласы бын абадынмӕ хондзыстут».
Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»
Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа, уӕд скадджын уыдзӕн, йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.
Уый дзырд нӕма фӕци, афтӕ та ӕндӕр хабархӕссӕг ӕрбалӕууыди: «Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ сӕ хистӕр ӕфсымӕры хӕдзары цӕл кодтой, сӕн нуӕзтой.
Уым Давидмӕ фесты ӕртӕ боны. Хӕрд ӕмӕ нозтхъуаг нӕ баййӕфтой, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.
Мысыраг бахӕццӕ кодта Давиды. Уый кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ амалекӕгтӕ быдыры куы апырх уаиккой. Хӕрынц ӕмӕ нуазынц, филистимаг ӕмӕ иудейаг зӕххытӕй бирӕ исбон кӕй байстой, уый фӕдыл бӕрӕгбон аразынц.
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.
Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц.
Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй,
Фӕлӕ дын райгуырдзӕни фырт. Уыдзӕн ын сабыр уаг, ӕмӕ йӕ Ӕз йӕ алфамбылай знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр сӕнӕмӕт кӕндзынӕн. Йӕ ном уыдзӕни Соломон, ӕмӕ Израилӕн Соломоны заман ратдзынӕн фарн ӕмӕ ӕнцой.
Мӕ кусджытӕ сӕ Ливанӕй денджызы былмӕ нылласдзысты, стӕй сӕ ӕз денджызыл тъиуибӕстытӕй бахӕццӕ кӕндзынӕн, кӕдӕм зӕгъай, уырдӕм, уым сӕ самайын кӕндзынӕн, ӕмӕ-иу сӕ ды уырдыгӕй алас. Ӕцӕг мын ды дӕр мӕ хъуыддаг араз, мӕ хӕдзарӕн мын ӕрвит хӕлц».