Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 4:13
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Галаадаг сахар Рамот мах кӕй у, уый уӕ рох фӕци? Рӕстӕг ма цӕуыл сафӕм, Арамы паддзахы къухӕй йӕ фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байсӕм?»


Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


Йосафаты фырт Йегу, Нимшийы мыггагӕй, тӕккӕ уыцы сахат Йорамы ныхмӕ скодта сусӕгвӕнд. Уыцы заман Йорам та Израилы ’фсадимӕ лӕууыд Галаадаг Рамоты раз ӕмӕ хӕцыд Арамы паддзах Хазаелы ныхмӕ.


Фӕлӕ фӕстӕдӕр гешурӕгтӕ ӕмӕ арамейӕгтӕ байстой Хаввот-Иаиры хъӕутӕ ӕмӕ Кенат йӕ алыварс хъӕутимӕ — ӕдӕппӕтӕй ӕртиссӕдз. Уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Галаады фыд Махиры байзӕддӕгтӕ.


Цъымарайӕ мӕ слас, цӕмӕй дзы ма аныгъуылон, йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй мӕ бахиз, ӕнӕбын хуыдымӕй мӕ фервӕзын кӕн,


Менассиайы фырт Иаир цалдӕр хъӕуы бацахста ӕмӕ сӕ Иаиры хъӕутӕ схуыдта.


уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр, Галаад ӕмӕ Башан ӕнӕхъӕнӕй — суанг Салха ӕмӕ Едреийы онг (паддзах Огы сахартӕ Башаны).


Уыцы заман ын йӕ сахартӕ дӕр иууылдӕр басастам; мах кӕй нӕ бацахстам, иу ахӕм дӕр дзы нал баззад — ӕртиссӕдз сахары, Арговы алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Огы паддзахад Башаны.


Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг:


Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.


Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм сӕрӕфснайынӕн сбӕрӕг кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: ӕдзӕрӕг быдыры, тъӕпӕны — Бецер (Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй), Галаады — Рамот (Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй) ӕмӕ Башаны — Голан (Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй).


Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ