Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ахилуды фырт Баанайы бӕрны уыдысты Таанах ӕмӕ Мегиддойы сахартӕ, Изреелы бынмӕ Царетанмӕ ӕввахс Бет-Шеаны сахары ӕппӕт зӕххытӕ, уыимӕ Бет-Шеаны сахарӕй Авел-Мехолӕйы онг, стӕй суанг Йокмеамы фалейы онг зӕххытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 4:12
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта.


Уый фӕстӕ-иу байсӕрд Нимшийы фырт Йегуйы, ӕмӕ йӕ скӕн Израилы паддзах. Авел-Мехолӕйаг Шафаты фырт Елисейы дӕр-иу байсӕрд ӕмӕ йӕ пехуымпар скӕн дӕ бӕсты.


Паддзах сӕ джиппы рауадзын кодта Иорданы дӕлвӕзы, Суккот ӕмӕ Царетаны ’хсӕн ӕлыгбын мӕры.


Кедешы паддзах, Кармелы хохрӕбын Йокнеамы паддзах,


Иссахары ӕмӕ Асиры зӕххыл Менассиамӕ ӕрхаудысты Бет-Шеан, Ивлеам, Дор, Ен-Дор, Таанах ӕмӕ Мегиддо сӕ сахаргӕрӕттимӕ.


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Хӕстмӕ рацыдысты паддзӕхтӕ! Ханааны паддзӕхтӕ хӕстмӕ рацыдысты Таанахы цурмӕ, Мегиддомӕ хӕстӕг доны былмӕ, фӕлӕ ӕвзист нӕ бафтыди сӕ къухы!


Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.


Фӕлӕ Саулы чызг Меравы Давидӕн раттыны афон куы ӕрцыд, уӕд ӕй мехолайаг Адриелӕн радтой.


Саулы хотыхтӕ Астартӕйы кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ мард та йын Бет-Шеаны сисыл ӕрцауыгътой.


ӕмӕ се ’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй Бет-Шеанмӕ фӕдисы ацыдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ Бет-Шеаны сисӕй Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ӕристой. Ӕрбахастой сӕ Иавешмӕ ӕмӕ сӕ уым басыгътой,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ