1 Соломон уыдис ӕппӕт Израилы паддзах.
Йоав уыди ӕгас Израилы ӕфсады хицау, Йеходайы фырт Бенайа — керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгты хицау,
Хевроны авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы паддзахиуӕг кодта Иудӕйӕн, Йерусалимы та — ӕппӕт Израил ӕмӕ Иудӕйы — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы.
Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.
Фӕлӕ уый къухтӕй дӕр паддзахдзинад ӕнӕхъӕнӕй нӕ байсдзынӕн. Дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕй ма йын иуы ныууадздзынӕн, мӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, стӕй, Йерусалимы сахар кӕй равзӕрстон, уый фӕрцы».
уӕд паддзах Роховам бафарста, йӕ фыд Соломонӕн йӕ заманы чи лӕггад кодта, уыцы фӕлтӕрдджын хистӕрты: «Исты-ма мын зӕгъут! Цы дзуапп раттон ацы адӕмӕн?»
Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.
Йӕ барджынтӕ уыдысты: Цадокы фырт Азариа — сауджын;
Ацы ӕфсӕддонтӕ се ’ппӕт дӕр хӕстифтонгӕй ӕрцыдысты Хевронмӕ, Давиды ӕппӕт Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрыны фӕндимӕ. Уымӕ ӕмзӕрдӕйӕ бӕллыдысты иннӕ изрӕилӕгтӕ дӕр.
Соломон Гивоны куывддонӕй, Фембӕлды Цатыры цурӕй, Йерусалиммӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ Израилӕн паддзахиуӕг кӕнын райдыдта.
Соломон ӕппӕт Израилӕн Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы.
Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.
Ӕз, Хуыцауы ныхас амонӕг, уыдтӕн Израилы паддзах. Мӕ паддзахы бадӕн Йерусалимы уыди.