Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 3:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 3:6
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый мын загъта: „Йӕ коммӕ Кӕмӕн кӕсын, уыцы Дунедарӕг дын демӕ рарвитдзӕни Йӕ зӕды ӕмӕ дӕ рӕствӕндаг фӕкӕндзӕни, цӕмӕй мын мӕ фыртӕн мӕ мыггагӕй, мӕ фыды хӕдзарӕй, ӕркӕнай ус.


Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, мӕ къухты сыгъдӕгдзинадмӕ гӕсгӕ.


Хӕрзиуӕг мын радта Дунедарӕг мӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ, Йӕ разы сыгъдӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!


«Цу ӕмӕ Мӕ цагъар Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕумӕ гӕсгӕ, Мӕнӕн Мӕ цӕрӕн хӕдзар аразӕг ды уыдзынӕ?


ӕмӕ загъта: „Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йӕ хорзӕхӕй мӕ паддзахы бадӕны ног паддзах сбадти, ӕмӕ ӕз уый мӕхи цӕстӕй уынын“».


уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.


Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.


Ӕмӕ дӕ фыд Давидау Мӕ рард фӕндӕгтыл куы цӕуай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дын Ӕз балӕвар кӕндзынӕн бирӕ цӕрӕнбон».


Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,


«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм куы хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ Езекиа судзаг цӕссыг ӕруагъта.


Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны йӕ фӕстӕ мӕн ӕрбадын кодтай.


Сымах худтыстут мӕгуырыл, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг хъахъхъӕны.


Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг, мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»


Мӕ цагъар Моисейы хъуыддаг та ӕндӕр у: уый алцӕмӕй дӕр иузӕрдион у Мӕныл Мӕ Хӕдзары.


Алцӕмӕй дӕр афтӕ схъӕздыг уыдзыстут, ӕмӕ уӕ бон уыдзӕни кӕддӕриддӕр рӕдауӕй баххуыс кӕнын. Уӕд бирӕтӕ арфӕ кӕндзысты Хуыцауӕн, нӕ къухӕй кӕй айсой, уӕ уыцы ӕххуысы тыххӕй.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз бакӕнинагыл банымадтон ӕфсымӕртӕм ӕрхатын, цӕмӕй уӕм ацӕуой нӕ разӕй ӕмӕ рагацау ӕрцӕттӕ кӕной, раздӕр ныфс кӕмӕй бавӕрдтат, уӕ уыцы зӕрдиаг ӕххуыс. Ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕнӕбары раттынау нӕ, фӕлӕ ӕцӕг зӕрдиаг ӕххуыс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ