Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 3:5
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг уыдӕтты тыххӕй смӕсты ис Соломонмӕ. Кӕддӕр ӕм дыууӕ хатты фӕзынд ӕмӕ йын дыууӕ хатты дӕр бафӕдзӕхста, ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кув, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ныр Соломон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, уыцы фӕдзӕхст нал ӕххӕст кодта.


уӕд ӕм Дунедарӕг дыккаг хатт ӕргом рацыд, кӕддӕр ӕм Гивоны куыд раргом ис, афтӕ


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрди, уӕд ӕм фыны Хуыцауы зӕд раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Йосиф! Ма тӕрс дӕ усаг Мариайы хӕдзармӕ ӕрхонынӕй, уымӕн ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хӕссы, Уый йын Сыгъдӕг Удӕй у.


Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».


Ироды амӕлӕты фӕстӕ Йосифмӕ Мысыры Хуыцауы зӕд раргом ис фыны


Йесо сӕ бафарста: «Зӕгъут-ма, цы уӕ хъӕуы, цы уын саразон?»


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ куывды цы курат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут ӕмӕ йӕ уӕд ӕнӕмӕнгӕй райсдзыстут.


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ