Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 3:1
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.


Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,


Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.


Израилӕгтӕн Мысыры цагъарадӕй се ссӕрибарыл цыппарсӕдӕ ӕстай азы куы рацыд, уӕд Соломон йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы, Дунедарӕгӕн Кувӕндон аразын райдыдта.


Йӕхи галуан та Соломон арӕзта ӕртындӕс азы — ӕппӕт куыстытӕ фӕуынӕн уый бӕрц рӕстӕг бахъуыди.


Цӕргӕ цы хӕдзары кодта, уый уыди йӕ тӕрхондоны фӕсте, ӕндӕр кӕрты, ӕмӕ уый дӕр конд ӕрцыд йӕ тӕрхондоны хуызӕн. Соломон йӕ усӕн, фараоны чызгӕн, цы хӕдзар сарӕзта, уый дӕр афтӕ.


Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ, ноджыдӕр ма цы бӕстыхӕйттӕ саразинаг уыд, уыдон конд куы фесты,


Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы.


Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын.


Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар.


Иосафат уыди бонджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Ахавимӕ хӕстӕгдзинад бакодта


Фараоны чызджы Соломон ракодта Давиды сахарӕй ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзта, уыцы галуаны. Загъта: «Сылгоймагӕн Израилы паддзах Давиды галуаны цӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у: йӕ заманы ам лӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын».


Аразджытӕ нын дзуапп радтой, мах, дам, стӕм уӕларв ӕмӕ зӕххы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аразӕм, бирӕ азты размӕ Израилы стыр паддзах кӕй арӕзта ӕмӕ арӕзт кӕй фӕци, уыцы хӕдзар.


Ӕмӕ ма уыдӕтты фӕстӕ, ау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй халдзыстӕм ӕмӕ уыцы ӕлгъаг адӕмтимӕ хӕстӕгиуӕг кӕндзыстӕм? Ӕмӕ нӕм уӕд бындзагъд ныккӕныны онг не смӕсты уыдзынӕ, аирвӕзӕг дӕр нӕ куыннӕуал уа ӕмӕ нын аирвӕзӕн дӕр куыннӕуал уа, афтӕ?


Уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг фӕлтӕрӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ