Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 22:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Израилы паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Галаадаг сахар Рамот мах кӕй у, уый уӕ рох фӕци? Рӕстӕг ма цӕуыл сафӕм, Арамы паддзахы къухӕй йӕ фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байсӕм?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 22:3
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авессаломы нӕхицӕн байсӕрстам паддзахӕй, фӕлӕ уый хӕсты куы фӕмард, уӕд ныр цы фӕстиат кӕнут паддзах Давиды фӕстӕмӕ раздахыныл?»


Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, иумӕ хӕстмӕ рацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ.


Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.


Ахавы фырт Йорамимӕ Ахазиа бабырста Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ схӕцыди Арамы паддзах Хазаелимӕ. Арамейӕгтӕ фӕцӕфтӕ кодтой Йорамы,


Йосафаты фырт Йегу, Нимшийы мыггагӕй, тӕккӕ уыцы сахат Йорамы ныхмӕ скодта сусӕгвӕнд. Уыцы заман Йорам та Израилы ’фсадимӕ лӕууыд Галаадаг Рамоты раз ӕмӕ хӕцыд Арамы паддзах Хазаелы ныхмӕ.


Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.


Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм сӕрӕфснайынӕн сбӕрӕг кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: ӕдзӕрӕг быдыры, тъӕпӕны — Бецер (Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй), Галаады — Рамот (Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй) ӕмӕ Башаны — Голан (Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй).


Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;


Газӕйы цӕрджытӕ базыдтой, Самсон сахары кӕй ис, уый. Уыцы бынаты алыварс ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв сахары кулдуары раз фӕхъахъхъӕдтой. Ӕгас ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ фӕкастысты ӕмӕ дзырдтой: «Боныцъӕхты йӕ амардзыстӕм!»


Уыдон дзуапп радтой: «Цомут ӕмӕ схӕцӕм уыцы адӕмы ныхмӕ, мах федтам, сӕ зӕхх куыд хорз у, уый. Цӕмӕ ма кӕсут? Фӕстиат мауал кӕнут, цомут, бацахсӕм сын сӕ зӕхх!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ