Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 21:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Изреелаг Навот ын ахӕм дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй Ахав йӕ галуанмӕ ӕрбаздӕхти тарӕрфыг ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй. Суанг хӕрын дӕр нӕ бакуымдта, афтӕмӕй йӕ хуыссӕны ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕ цӕсгом къулы ’рдӕм аздӕхта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 21:4
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзах мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй араст ис йӕ галуанмӕ, Самарийы сахармӕ.


Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ йӕ къӕппӕджы баппары.


хӕйрӕджы уӕхимӕ ӕмгӕрон ма уадзут.


Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый.


Уый Ионӕйӕн тынг хъыг уыди ӕмӕ смӕсты.


Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Фӕлӕ Навот Ахавӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ фыдӕлтӕй мӕм исбонӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый искӕмӕн раттынӕй!»


Иу хатт Амнонӕн афтӕ: «Цы кӕныс, паддзахы фырт, бонӕй-бонмӕ куы тайыс? Нӕ мын ӕй схъӕр кӕндзынӕ?» Амнон ын дзуапп радта: «Ме ’фсымӕр Авессаломы хо Тамары бауарзтон».


Цыма рынчын у, афтӕ удхар кодта Амнон йӕ хо Тамары уарзондзинады азарӕй, уымӕн ӕмӕ уый нырма ӕнӕцыд чызг уыди, ӕмӕ йӕм куыдӕй баххӕссыдаид, уымӕн ницы амал ардта.


Уый фыццаг нӕ разы кодта, нӕ бахӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕм йӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр ӕрхатыдысты, ӕмӕ сӕм байхъуыста. Сыстади зӕххӕй ӕмӕ сынтӕгыл ӕрбадти.


Уымӕй иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хабар. Изреелы, самариаг паддзах Ахавы галуаны хӕдфарсмӕ, изреелаг Навотӕн уыди сӕндон.


Йӕ ус Иезавел ӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы кӕныс? Цӕуылнӕ исты бахӕрыс?»


Фӕлӕ мын уыдӕттӕ ад нал фӕкӕнынц, иудейаг Мардохейы паддзахы галуаны ӕрбахизӕны куы фенын, уӕд».


Дунедарӕг ын загъта: «Ау, уый дын уый бӕрц хъыг фӕцис?»


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ