Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 21:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ Навот Ахавӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ фыдӕлтӕй мӕм исбонӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый искӕмӕн раттынӕй!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 21:3
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Йосеф загъта: «Нӕ, ӕз афтӕ бакӕнон, уымӕн уӕвӕн нӕй. Синон кӕмӕ разынди, уый уыдзӕни мӕ цагъар, сымах та фарнимӕ аздӕхут уӕ фыдмӕ».


Уыдон ын загътой: «Цӕмӕн афтӕ зӕгъы не ’лдар? Дӕ цагъартӕ ахӕм ми бакӕной, уымӕн уӕвӕн нӕй.


ӕмӕ загъта: «Уымӕй мӕ бахизӕд Хуыцау! Нӕ бануаздзынӕн! Сӕ удтӕ сӕ армы даргӕйӕ чи ацыд, уыдоны туг куы у ай!» Ӕмӕ дзы нӕ бакуымдта нуазын. Гъе ахӕм лӕгдзинад равдыстой уыцы ӕртӕ хӕстоны.


Цыфӕндыйӕ дӕр ӕз уемӕ не сразы уыдзынӕн, мӕ удӕгасӕй мӕхи аххосджыныл нӕ банымайдзынӕн.


Ӕцӕг, фӕтӕгӕн йӕ бон нӕу адӕмы исбонӕй райсын, сӕ зӕххытӕй сӕ сурын. Йӕ фырттӕн йӕ бон дӕттын у ӕрмӕст йӕхи исбонӕй, Мӕ адӕмӕй та йӕ зӕххы хайӕ никӕй ӕмбӕлы сурын».


Зӕхх мыггагмӕ ауӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн у, сымах та стут, Мӕ зӕххыл чи ӕрцард, ахӕм ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Цӕмӕй хай иу израилаг хӕдзарвӕндагӕй иннӕмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ алы израилаг дӕр хъуамӕ йӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хайыл фидар хӕца.


цӕмӕй хай иу хӕдзарвӕндагӕй иннӕмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ алы израилаг дӕр хъуамӕ йӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хайыл баст уа».


Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.


Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕм иууылдӕр мӕнгард куы уой, уӕддӕр. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕ рӕстад бӕрӕг уыдзӕни Дӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ Дӕ тӕрхоны фӕуӕлахиз уыдзынӕ».


Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Науӕд Хуыцау дунейӕн куыд тӕрхон кӕнид?


Уӕдӕ цы кӕнӕм? Ӕгъдауы дӕлбар нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар кӕй стӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тӕригъӕды бафтӕм? Ницы хуызы!


Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?


Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе ’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.


Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый.


Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы!


Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд — раппӕлдзынӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та — дунейӕн.


Уымӕн уӕвӕн нӕй, ӕмӕ мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацӕуӕм, нӕхи Йыл атигъ кӕнӕм, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, Йӕ Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕй уӕлдай иууылсудзинӕгтӕн, хойраджы хуынтӕн ӕмӕ кусӕрттаг нывӕндтӕн ӕндӕр нывондхӕссӕн саразӕм».


Ӕмӕ йын адӕм дзуапп радтой: «Нӕ, мах Дунедарӕджы ныууадзӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнӕм, уымӕн уӕвӕн нӕй!


Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.


Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ