Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 21:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕмӕ Ахав Навотӕн загъта: «Дӕ сӕндон мын ратт! Мӕ галуанӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ лӕууы ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон саразин. Дӕуӕн та йӕ бӕсты балӕвар кӕндзынӕн уымӕй хуыздӕр сӕндон, йе та, кӕд дӕ фӕнды, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн ӕвзистӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 21:2
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аврам Сарӕйӕн загъта: «Дӕ унӕутыл дӕ бар цӕуы, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын кӕн». Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын Агары, ӕмӕ уый алыгъди.


Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Фӕлӕ Навот Ахавӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ фыдӕлтӕй мӕм исбонӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый искӕмӕн раттынӕй!»


Уый йын загъта: «Изреелаг Навотӕн ской кодтон, дӕ сӕндон мын ӕвзистыл ратт, кӕд дӕ фӕнды, уӕд та дын йӕ бӕсты ӕндӕр сӕндон ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын уый дзуапп радта: „Мӕ сӕндон дын нӕ ратдзынӕн“».


Ныр иудейаг паддзах Ахазиа та фӕцӕйлыгъди Бет-Ганы ’рдӕм. Фӕлӕ йӕ Йегу фӕсте асырдта ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн бардзырд радта: «Уый дӕр амарут йӕ уӕрдоны!» Хабар ӕрцыди Гуры бӕрзӕндыл, Ивлеамы сахармӕ ӕввахс. Ахазиа ма Мегиддойы сахармӕ баирвӕзт ӕмӕ уым амард.


Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».


дыргъдӕттӕ ӕмӕ хъӕды къохтӕ, дыргъджын бӕласӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон дзы ӕрзайын кодтон,


Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн, ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».


Уымӕн ӕмӕ, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый, кӕцӕй рацыдыстут, уыцы Мысыры хуызӕн нӕу. Уым-иу мыггаг байтыдтат зӕххы ӕмӕ-иу, ууыл цӕхӕрадонау дон кӕнгӕйӕ, уӕ къӕхтӕ ахаудтой.


Ма бабӕлл искӕй усмӕ, искӕмӕн ма бабӕлл мадӕр йӕ хӕдзармӕ, мадӕр — йӕ хуыммӕ, мадӕр — йӕ цагъартӕм, мадӕр — йӕ галмӕ, мадӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл“.


Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.


Уӕд Ахиш Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ, ӕмӕ мын ӕхсызгон уаид, ацы хӕстон балцы мемӕ куы цӕуис, уӕд. Ӕз дӕм де ’рбацыдӕй абонмӕ ӕвзӕрӕй ницы бафиппайдтон, фӕлӕ ӕлдӕртты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуыс.


Байсдзӕн уын уӕ быдыртӕ, уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕйы дыргъдӕтты хуыздӕртӕ ӕмӕ сӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн ратдзӕн.


Паддзах нын сӕвӕр ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна, зӕгъгӕ, кӕй загътой, уый Самуелы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ