3 цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Бен-Хадад афтӕ зӕгъы: де ’взист дӕр ӕмӕ дӕ сыгъзӕрин дӕр мӕн сты, дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты хуыздӕртӕ дӕр — афтӕ».
Израилы паддзах Ахавмӕ мидсахармӕ барвыста йӕ минӕвӕртты,
Ӕмӕ сӕ астӕутыл ӕрбатыхтой сӕхъистӕ, сӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ, афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъар Бен-Хадад дын лӕгъстӕ кӕны, зӕгъгӕ, ныббар мын, ма мӕ амар». Уый сын загъта: «Ӕмӕ ма ӕгас у? Уый мӕнӕн ме ’фсымӕр у!»
Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд, мӕ паддзах. Цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдонимӕ мӕхӕдӕг дӕр дӕу дӕн».
„Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“