Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 2:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 2:44
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы раз дӕ ардбахӕрд цӕмӕн фӕсайдтай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхст цӕуылнӕ сӕххӕст кодтай?»


Ахазиайы мад Атали йӕ лӕппуйы амӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд бардзырд радта иудейаг паддзӕхты мыггаг сыскъуыныны тыххӕй.


Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Искӕмӕн дзыхъхъ чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххауы.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Сомы кӕнын! Мӕ ардбахӕрды сӕрты Мын кӕй ахызт ӕмӕ Мын Мӕ фидыд кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йыл йӕ азым ныххуырсдзынӕн.


Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг.


Ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, Ӕгъдауы домӕнтӕ сӕ зӕрдӕты фыст кӕй сты, уый. Афтӕ кӕй у, ууыл дзурӕг сты се ’фсарм ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ — куы сӕ азымджын фӕкӕнынц, куы — раст.


истӕй тыххӕй нын тӕрхон куы кӕна, уӕд дӕр; уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ зоны ӕппӕт дӕр.


Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ