41 Шими Йерусалимӕй Гатмӕ кӕй ацыд ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уый Соломонӕн фехъусын кодтой.
ӕмӕ уый йӕ хӕрӕгыл саргъ авӕрдта, Ахиш-паддзахмӕ Гаты сахармӕ йӕ цагъарты агурӕг араст ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакодта.
Паддзах Шимимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын афтӕ нӕ дзырдтон, искӕцырдӕм цы бон акъахдзӕф кӕнай, тӕккӕ уыцы бон дӕ мӕлӕт ссардзынӕ, зӕгъгӕ? Дунедарӕгӕй дын ард нӕ бахӕрын кодтон, ӕмӕ мын афтӕ нӕ загътай, хорз, алцыдӕр бамбӕрстон, зӕгъгӕ?