Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 2:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 2:32
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ къухӕй мард ӕфсымӕры туг цы зӕххы ахъардта, уымӕй ӕлгъыст ӕмӕ хъодыгонд дӕ ныр.


Рувим сын афтӕ: «Нӕ уын дзырдтон, уыцы лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ нӕ байхъуыстат, ӕмӕ нӕ йӕ туг истӕуы ныр».


Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.


Давид загъта: «Дӕхи аххосӕй ӕрцыди дӕ мӕлӕт, уымӕн ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай, Дунедарӕджы байсӕрсты амардтон, зӕгъгӕ».


Ӕфсады сӕргъы Авессалом Йоавы бӕсты Амасайы сӕвӕрдта. Амаса уыдис Измаелы байзӕддаг Итрайы фырт, йӕ мад — Нахашы чызг Авигеа, Йоавы мад Церуайы хо.


Уыцы туджы азар Йоавы сӕрыл ӕмӕ йӕ мыггаджы фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд! Йоавы хӕдзар макуы схицӕн уӕд нӕлгоймаджы низтӕ ӕмӕ хъотырӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуӕнт, кардылӕфтыд фӕуӕнт ӕмӕ къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафӕнт!».


Уыцы бон ӕппӕт ӕфсад, стӕй Израилы адӕм иууылдӕр, базыдтой, Неры фырт Авнеры мӕлӕтмӕ паддзах кӕй ницы бар дары, уый.


Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»


уӕд ныр сымах, ӕнаккӕгтӕ, раст лӕджы йӕхи хӕдзары, йӕхи сынтӕджы куы ныммардтат, уӕд ын йӕ туг куыннӕ хъумӕ райсон сымахӕй ӕмӕ уӕ куыд нӕ фесафон а зӕххӕй?»


Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд!


Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс.


уӕд ын уӕларвӕй фехъус йӕ ардбахӕрд ӕмӕ йын Дӕ раст тӕрхон рахӕсс: азымджын у — бафхӕр ӕй, ӕназым у — йӕ маст ын райс ӕмӕ цас раст у, уымӕ гӕсгӕ йӕ Дӕ хорзӕхӕй барӕвдау!


Уый нӕ, фӕлӕ ацыдтӕ израилаг паддзӕхты фӕндӕгтыл, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдтай, Ахавы хӕдзарвӕндаджы бафӕзмыдтай. Ды амардтай дӕ хӕрз ӕфсымӕрты, дӕуӕй хуыздӕр чи уыди, уыдоны.


Уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ адӕм, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ устыты, стӕй де ’ппӕт исбон дӕр Йӕ азары хай бакӕндзӕн.


Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр.


Искӕмӕн дзыхъхъ чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххауы.


Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы, йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Сомы кӕнын! Мӕ ардбахӕрды сӕрты Мын кӕй ахызт ӕмӕ Мын Мӕ фидыд кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йыл йӕ азым ныххуырсдзынӕн.


Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.


Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.


Шехемӕгтӕн дӕр Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ бафидын кодта. Афтӕ сӕххӕст Иеруббаалы фырт Йотамы ӕлгъыст.


Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ