Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 2:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Бенайа йӕм Дунедарӕджы цатырмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕм бахъӕр кодта: «Ӕддӕмӕ рацу! Паддзах радта бардзырд!» Йоав загъта: «Нӕ рацӕудзынӕн. Уадз ӕмӕ ам амӕлон». Бенайа фӕстӕмӕ паддзахмӕ аздӕхт ӕмӕ йын фехъусын кодта Йоавы дзуапп.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 2:30
3 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Соломонмӕ фӕхабар кодтой, Йоав, дам, Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны раз лӕууы. Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, цу ӕмӕ йӕ амар, зӕгъгӕ.


Паддзах ын загъта: «Гъемӕ йӕхи дзыхӕй цы куры, уый йын бакӕн. Амар ӕй ӕмӕ йӕ баныгӕн. Ӕмӕ дзы афтӕмӕй райс, Йоав кӕй ныккалдта, уыцы ӕнаххос туг, цӕмӕй уыцы туджы азар мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл ӕфтыд ма фӕуа.


Кавцеелы сахайраг Йеходайы фырт бӕгъатыр Бенайа зындгонд у йӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уый амардта моаваг дыууӕ домбай хӕстоны. Иуахӕмы та, мит уарыд, афтӕмӕй къардиумӕ ныххызти дон схӕссынмӕ, домбайыл дзы бамбӕлдис ӕмӕ йӕ уыцы ран ӕрбамардта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ