12 Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.
Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Ды уымӕй Дӕхӕдӕг бавӕрдтай зӕрдӕ, ӕмӕ Дӕ цагъары хӕдзар Дӕ арфӕйӕ арфӕгонд уӕд ӕнустӕм».
Паддзах Давидмӕ ӕвӕстиатӕй бацу ӕмӕ йӕ бафӕрс: „О мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах! Ард мын куы бахордтай, дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ фӕстӕ мӕ паддзахы бадӕны, зӕгъгӕ, уӕд ныр Адониа цӕмӕн спаддзах?“
Амӕй размӕ дын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, куыд расомы кодтон, мӕ фӕстӕ дӕ фырт Соломон сбаддзӕни мӕ къӕлӕтджыны, зӕгъгӕ, афтӕ абон сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ дзырд».
Уый фӕстӕ йӕ фӕстӕмӕ ардӕм ӕрбакӕнут ӕмӕ йӕ сбадын кӕнут мӕ къӕлӕтджыны. Нырӕй фӕстӕмӕ Соломон уыдзӕни уӕ паддзах мӕ бӕсты. Ӕз бафӕдзӕхстон уымӕн, цӕмӕй Израил ӕмӕ Иудейы адӕмӕн суа сӕ фӕтӕг».
Ныридӕгӕн йӕ паддзахы бадӕны сбадти Соломон.
Ӕмӕ паддзах Йеходайы фырт Бенайайӕн бафӕдзӕхста Шимийы амарын. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йӕ амардта. Гъе афтӕ сфидар ис Соломоны паддзахдзинад.
Давид базӕронд, бафсӕсти цардӕй ӕмӕ Израилы сӕргъы паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ фырт Соломоны.
Давиды фырт Соломон ӕрфидар ис йӕ паддзахады. Дунедарӕг ыл аудыдта, бирӕ хъомыс ын радта.