Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 2:10
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.


Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.


Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.


Науӕд, мӕ паддзах йӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрхуысса, уӕд ӕз мӕ фырт Соломонимӕ фыдгӕнджытыл нымад ӕрцӕудзыстӕм».


Хадад Мысыры фехъуыста, зӕгъгӕ, Давид йӕ фыдӕлты размӕ бацыд, йе ’фсады хицау Йоав дӕр амард, ӕмӕ фараонмӕ бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ мӕ фыдызӕхмӕ ацӕуон».


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды сахары. Йӕ мад уыди аммонаг чызг, Наама — йӕ ном. Роховамы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Авиам.


Аса куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосафат.


Авиам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Аса.


Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз Самарийы сахары Израилы паддзах сси Ахавы фырт Ахазиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы.


Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты.


Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.


Уӕд ын йӕ мард бӕхуӕрдоны фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ уым, Давиды сахары, йӕ фыдӕлты зӕппадзы бавӕрдтой.


Йотам куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахаз.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езекиа.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахазиа.


Йӕ фӕсдзӕуинтӕ йӕ аластой Йерусалиммӕ, Давиды сахармӕ, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы.


Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар.


Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон.


Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.


Соломон куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыд Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Роховам.


Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди.


Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ