1 Давид мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн бафӕдзӕхста:
Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,
Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.
Паддзах Соломон арвыста Адониамӕ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цурӕй йӕхимӕ ӕрбакӕнын кодта. Уый йын ныллӕг акуывта йӕ сӕрӕй, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Дӕ хӕдзармӕ ацӕуыны бар дын ис».
Давид басидт йӕ фырт Соломонмӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста хӕдзар саразын Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.
Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, сбарджын ӕй кӕн сӕ разы.
Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.
Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».
Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.
Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.
Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын:
Хуыцауы раз, стӕй, Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:
Мӕн та рӕхджы ӕрхастӕуыдзӕн нывондӕн, ӕмӕ ацы дунейӕ мӕ ацӕуыны афон ралӕууыд.