9 Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»
Илийа йӕ куы айхъуыста, уӕд йӕ пӕлӕзӕй йӕ цӕсгом ӕрбамбӕрзта, афтӕмӕй рацыд ӕмӕ лӕгӕтмӕ бацӕуӕны ӕрлӕууыд. Цавӕрдӕр хъӕлӕс ӕй бафарста: «Ам цы архайыс, Илийа?»
Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?
ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын».
Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау фӕсидт Адаммӕ: «Кӕм дӕ?»
Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.
Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕнбынат куы ссарин, уӕд ацӕуин, мӕ адӕмы ныууадзин. Се ’ппӕт дӕр — хъахбайтӕ, гадзрахатӕйцӕуджыты дзуг!
Ионӕ сахарӕй рацыди, йе скӕсӕнварс халагъуд сарӕзта ӕмӕ йӕ аууоны сбадти, цӕмӕй, сахар цы бауыдзӕнис, уый фена.