Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 19:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 19:4
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Кӕд мын Дӕ цӕст ӕндӕр ницы уарзы, уӕд мын фӕлтау уыцы хорзӕх ракӕн, ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ хъизӕмарӕй фервӕзон».


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Уӕдӕ куыд? Мах иннӕтӕй хуыздӕр уавӕры стӕм? Ӕппындӕр нӕ. Мах ныридӕгӕн равдыстам, иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты, уый.


Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.


Цӕмӕй хуыздӕр дӕ Но-Амоны сахарӕй, цӕугӕдӕтты астӕу чи ис, уымӕй? Уымӕн йӕ алыварс — дон, денджыз — йӕ гӕрӕн, йӕ систӕ — доны уылӕнтӕ.


Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр?


Фӕндагыл ныхасгӕнгӕ куыд фӕцӕйцыдысты, афтӕ фӕзынди пиллонкалгӕ уӕрдон артуадзгӕ бӕхтимӕ, сӕ дыууӕйы ’хсӕн фестадысты, ӕмӕ Илийа тымыгъы мидӕг уӕларвмӕ ацыд.


Илийа йӕ удӕн фӕтарсти уыцы ӕртхъирӕнӕй ӕмӕ алыгъд. Иудейаг сахар Беер-Шевӕмӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта,


ӕмӕ араст ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы фӕдыл. Баййӕфта йӕ тулдзы бын бадгӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ды дӕ, Иудейӕ чи ӕрбацыд, уый?» Дзуапп ын радта: «О, ӕз дӕн».


Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?


Ӕхсӕлыйы бын ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уӕд ӕм зӕд ӕргом рацыди, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Уӕлӕмӕ сыст, бахӕр».


Тӕхуды, Хуыцауы мӕ ныцъцъист кӕнын куы бафӕндид ӕмӕ мын мӕлӕтдзаг цӕф куы ныккӕнид!


Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.


Тӕхуды, куы сӕххӕст уаид мӕ курдиат, куы нӕ мын фӕсаид ме ’нхъӕлц Хуыцау!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ