Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




3 Паддзахӕдтӕ 19:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




3 Паддзахӕдтӕ 19:2
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амасайӕн дӕр зӕгъут: „Ды мӕ туг ӕмӕ ме стӕг нӕ дӕ, ӕви? Хуыцау мын афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, цӕрӕнбонтӕм мын Йоавы бӕсты ды ӕфсады хицау куынӕ уай, уӕд!“»


Хуыцау Авнерӕн афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, Дунедарӕг Давидӕн сомы цӕмӕй кодта, ӕз ын уый куынӕ саразон!


Ӕмӕ паддзах Соломон сомы ракодта Дунедарӕгӕй: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Адониа йӕ уыцы курдиаты тыххӕй мард ӕрцӕудзӕн!


Уыцы хабар Йоавы хъустыл ӕруад. Амӕй размӕ уый Авессаломы фарсхӕцӕг нӕ уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр Адониайы фарс рахӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ ныр Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныддӕвдӕг.


Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд».


Кӕй фауыс ды, фидистӕ кӕмӕн кӕныс? Кӕуыл хъӕр кӕныс, кӕмӕ кӕсыс сӕрбӕрзондӕй? Израилы Уаз Хуыцаумӕ!


Паддзах расомы кодта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Шафаты фырт Елисейы сӕр ма абон йӕ гуырыл куы баззайа, уӕд!»


Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ ардыгӕй ӕмӕ ме ’мгӕрон дӕр мауал фӕзын! Куыддӕр ма дӕ фенон — амӕлдзынӕ».


„Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. — Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон! Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“


Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Паддзах Иоаким, йе ’фсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕ пехуымпар Уриайы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕй марынвӕнд скодтой. Уриа уый куы базыдта, уӕд фӕтарст, ӕмӕ Мысырмӕ алыгъди.


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Ды кӕм амӕлай, уым ӕз дӕр амӕлдзынӕн, ӕмӕ мӕ уыцы ран баныгӕндзысты. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг, адзалӕй дарддӕр мӕ исты куы фӕхицӕн кӕна дӕуӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ