3 Паддзахӕдтӕ 18:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст4 Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.) အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕмӕ йӕм марӕджы арвыста. Уыцы заман Елисей та сахары хистӕртимӕ бадтис йӕ хӕдзары, ӕмӕ йӕ марӕг нӕма ’рбахӕццӕ, афтӕмӕй сын зӕгъы: «Уый зонут, ӕмӕ мӕм уыцы лӕгмар мӕ марӕджы ӕрбарвыста, мӕ сӕр мын мӕ гуырӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ. Кӕсут-иу, ӕмӕ куыддӕр фӕзына, афтӕ-иу дуар рахгӕнут ӕмӕ йӕ ма ’рбауадзут. Йӕ рарвитӕджы дӕр ныртӕккӕ ардӕм хъӕуы».