2 Илийа араст ис Ахавмӕ, цӕмӕй йӕ разы ӕрлӕууа. Ныр Самарийы та скодта ӕвирхъау стонг заман.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ рацыди дыууӕ азӕй фылдӕр. Ӕмӕ иуахӕмы Дунедарӕг Илийайӕн загъта: «Паддзах Ахавмӕ бацу, ӕмӕ Ӕз къӕвда ратдзынӕн зӕххӕн».
Ахав йӕ галуаны уагдар Овадиамӕ басидт. (Уый зӕрдиагӕй аргъуыц кодта Хуыцауӕн.
Уый тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы уӕ паддзахӕн: ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ». Илийа бакодта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ,
Уӕд Самарийы скодта ӕвирхъау стонг заман. Суанг ма хӕрӕджы сӕр дӕр уӕй кодтой ӕвзисты цыппарыссӕдз шекелӕй, бӕлоны бӕркъайы кавӕн та йӕ цыппӕрӕм хай — ӕвзисты фондз шекелӕй.
Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.
Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.
Тугдзых домбӕйтты, лӕгхорты ахӕсты фӕдӕн. Сӕ дӕндӕгтӕ — ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ, се ’взӕгтӕ — цыргъ кӕрдтӕ.
Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.
«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
Быдырмӕ рацӕуон — кардӕй кӕй фӕмардтой, уыдон, сахармӕ бацӕуон — ӕххормӕгтӕ удхарӕй мӕлынц. Пехуымпарӕй, сауджынӕй сдзӕгъӕл сты, цы кусынц, уый нал ӕмбарынц.
Бынтон дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстут уӕ хъару — уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзайдзӕн, уӕ бӕлӕстӕ дыргъ нал ратдзысты.
Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.